Ирыстоны райдыдта кадджындæр национ бæрæгбæттæй иу – Джеоргуыба
Владикавказ. 17 ноября. КрыльяTV – Бæрæг æй кæнынц нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæтты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг Уастырджийы кадæн. Вæййы ноябры кæрон, адæм зæххы куыст куы фæвæййынц, уæд.
Хуыцаубон у бæрæгбоны райдайæн – хонынц æй Галæргæвдæн. Нывонд галтæ æмæ уæнгуытæ кæмæ вæййы, уыдон сæ абон кусарт акæнынц. Къуырисæры та алы бинонтæ дæр се ‘ртæ кæрдзынæй скувынц Хуыцау æмæ Уастырджимæ, сæхи цыл бафæдзæхсынц.
Къуырийы дæргъы æппæт хæдзæртты араздзысты бæрæгбоны фынгтæ, кæрæдзимæ уазæгуаты цæудзысты æмæ сæ иумæйаг куывд Хуыцаумæ хæццæ кæндзысты.
Уыцы рæстæг хуыйы æмæ карчы фыд, æйчытæ хæрæн нæй.
2018 азæй фæстæмæ бæрæгбоны фыццаг бон Цæгат Ирыстоны цæрджытæн у улæфгæ бон.
Национальный праздник Джеоргуыба начинается в Северной Осетии
Джеоргуыба отмечается в честь самого почитаемого дзуара Уастырджи, покровителя мужчин, путников, защитника слабых и обездоленных. Праздник тесно связан с аграрным календарем осетинского народа и приурочен к окончанию сельскохозяйственных работ.
Сегодня канун недели, в течение которой его будут отмечать. Этот день называется Галæргæвдæн – в переводе с осетинского «день принесения в жертву быка».
Всю последующую неделю в каждом доме будут накрывать праздничные столы и возносить молитвы покровителю мужчин и путников — Уастырджи. В эти дни соседи и близкие приглашают друг друга, собираются на совместные празднования.
В течение этого времени нельзя есть свинину, мясо птицы и яйца.
Закон, согласно которому первый день праздника Джеоргуыба является нерабочим, действует в Северной Осетии с 2018 года.