Уæхи хъахъхъæнут цæстфæлдахджытæй

14:18 2.04.2022

Владикавказ. 2 апреля. КрыльяTV — Цæстфæлдахджыты фæлывд митæй ныридæгæн парахатдæр у сæрмагонд товарæн рагацау йæ аргъы æмбис бафидын. Уæй кæныны тыххæй хъусынгæнинаг æвæрд æрцæуы алыхуызон уæлæфтуантæ æмæ интернет-дуканиты социалон хызæгты. Товарæн æхцайы фæрæзтæ арвитыны размæ æнæмæнг хъуыддаг у уæйгæнæгимæ телефонæй аныхас кæнын. Сбæлвырд кæнын йæ адрис, гæнæн æмæ уæвгæйæ та ныффыссын йæ хъæлæс дæр. Телефонæй бадзырды уавæртыл æрдзурын уæйгæнæг куы нæ разы кæна, уæд гæнæн ис, æмæ у цæстфæлдахæг. Социалон хызæгты товар æлхæнгæйæ, бацархайут дуканийыл ма йæхи чи бафыста, уыцы адæмимæ аныхас кæнын. Афтæ, æнцондæрæй ис сбæрæг кæнæн амалиуæг мæнг куыст кæны æви нæ. Адамаен ныфс æвæрынц уымæй, æмæ æхцайы фæрæзтæ цы банчы картæмæ æрвыст цæуынц, уый нысангонд у сæрмагонд адæймагыл. Ныридæгæн закъонæвæрдмæ гæсгæ, банчы картæйы хицау æфхæрд не ‘ййафы, æндæр адæмæн æй дæтгæйæ. Дебетон банкы картæты аргъ «черный рынок» кæй хонæм, уым  у 2 минæй 10 мины онг. Бахъуыды йæ кæнут, æлхæнын хъæуы, бæрæггонд официалон сайтты.

Другие публикации

См все